«Варкетили»-йы метройы  зианбаййафджытæ стационары дохтырты  цæстдарды бын сты
«Варкетили»-йы метройы зианбаййафджытæ стационары дохтырты цæстдарды бын сты

Варкетилийы  метройы  цары æркалды  фæстиуæгæн зианбаййафджытæ  стационары   дохтырты цæстдарды бын  сты.   Уый фæдыл   æнæнизхъахъхъæды  министрады ахæлиугонд информацийы дзырдæуы.

Уагдоны хъусинагæй,   уыдонæн ныридæгæн сырæзт хъæугæ  басгæрст   æмæ   æндæр æмæ æндæр типы   медицинон   мадзæлттæ.   Информацийы куыд у банысангонд афтæмæй,    пациентты  æнæниздзинады уавæр, стабилон у  æмæ сæ цардмæ тас не ртхъирæн кæны. 14 зианбаййафæгæн хос кæнынц   Тбилисы æндæр æмæ æндæр  рынчындæтты.

Метростанцæ «Варкетилийы»   æрцæугæ  цауы  фæстиуæгæн, зианбаййафджыты  бабæрæг кодта, куысты, æнæниздзинад æмæ  социалон хъахъъхæды  министр Давит Сергеенко.  Æнæнизхъаххъæды  уагдоны  къухдариуæггæнæг 14  уæнгы  æнæниздзинады  уавæры фæдыл информаци, сæ дохтыртæй базыдта.