Ахицæн кодтон ныууадзын Гуырдзыстоны парламент æмæ депутаты мандат – уый фæдыл банысангонд у фидиуæны, кæцыйы фылдæрты депутат ахæлиу кодта.
Вано Зардиашвилийы фидиуæнæй. Фæстаг æртæ азы дæргъы уый а.х. сау пиары мысанæй ссис бæрæг политикон уæнгты æмæ тыхтæн.
«Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй рæстдзинад конкретон цауы дæр ме æрдæм у, æцгæдæр мæ нал фæнды уон провокациты ратæдзæн уыцы адæймæгтæн кæнæ политикон къордтæн, кæцыты политикъон боны фæткы саразын æмæ позитивон процесстæн разгнаггад кæнын, мæнмæ лæбурдæй кæнæ æфхæрдæй архайынц. Æрлæууыд момент, кæцый рæстæджы дæр хæсджын дæ бацауæрдай дæ бинонтыл æмæ дæ балыл.
Æз ахицæн кодтон ныууадзон Гуырдзыстоны парламент æмæ депутаты мандат. Уымæй ноджы иу хатт амонын дзыллæйæн, цææмй пост у æрмæстдæр фадат дæ бæстæйæн куыд рабæззай уымæн.Афтæдæр мæ фæнды бузныг зæггъын мæ балы уæнгтæн, ракувон сын æнтыстытæ æмæ фарсмæлæуд равдисын бæстæйы рæзынады хъуыддаджы»- банысангонд у Вано Зардиашвилийы фидиуæны.
Цалдæр боны размæ, комитетон рабадтыл сырæзт быцæудзинад Вано Зардиашвилийы æмæ зæдбар депутат Эка Беселиайы æхсæн. Ацы быцæудзинады фæстæ, Зардиашвили парламенты нал разындис.