Валютон Фонды борд, Гуырдзыстонæн  41.4  милуан  АИШ-ы доллар рауæлдай кæныны скуыддзаг  сбæлвырд кодта
Валютон Фонды борд, Гуырдзыстонæн 41.4 милуан АИШ-ы доллар рауæлдай кæныны скуыддзаг сбæлвырд кодта

Æхсæнадæмон  Валютон Фонды æххæстгæнæг  совет   йæ  фарс  рахæцыд   Гуырдзыстоны программæйы  фæндзæм афæлгæстæн  æмæ   бæстæйæн   41.4  милуан  АИШ-ы доллар рауæлдай  кæнынæн.

Борд  афтæдæр   сразы ис   Гуырдзыстонæн программææйы  иу  афæдзæй  2021 азы 11  апрелы  онг   адарддæр кæнынæн.

Фонды æххæстгæнæг  директоры  хæдивæг  Тао  Жанг банысан кодта, цæмæй   зæгъгæ  куыд фæбæрæг   афтæмæй Гуырдзыстоны экономикæ  негативон  шокътæм фæразон разынд,  бæстæйы  бæрзонд у  экономикон рæзынад,  цæугæ  хыгъдлæвæрды дефицит  та  къаддæр кæны.  Фæлæ  Жанг бавдыста  цæмæй   бæстæйы экономикæйы  ис рискъытæ,  кæцытæ  мидæгон æмæ  æхсæнадæмон  фактортимæ сты  баст  æмæ гæнæн ис  инвестицитыл  фæзына.