Валютон фонд Гуырдзыстоны экономикайы рæзты прогноз фæкъаддæр кодтой
Валютон фонд Гуырдзыстоны экономикайы рæзты прогноз фæкъаддæр кодтой
Æппæтдунеон валютон фонд, Гуырдзыстоны экономикайы рæзты прогноз фæкъаддæр кодта. Уый фæдыл ис фыст прессрелизы, кæцыйы фонды миссийы визит у хаццæггонд.
Финансон институты хъуыды кæнынц, цæмæй 2018-æм азы æнæхъæн мидпродукты рæзт 5 процент уыдзæн (раздæрон прогнозæй та 5.5 % уыд), фидæн аз та 4.6 % (раздæрон прогнозæй та 4. 8% уыд).
«2018-æм азы июлы онг бæстæйы экономикæ тагъд рæзт, сæйраджы дæр базарады партнерты бæрзонд рæзт æмæ активон бынæттон æркуырдты тыххæй. Фæлæ уыцы фактор фæстаг рæстæджы фæлæмæгъ ис. Мах фæкъаддæр кодтам Гуырдзыстоны экономикайы рæзты прогноз», – расидтис миссийы къухдариуæг Мерседес Вера Мартин.
Йæ ныхасмæ æгæсгæ, экономикайыл гæнæн ис æмæ рискыты фактор смыхуыр ис.