Гуырдзыстоны хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æппæт территорийыл валютæ ивæн пункттæ, абонæй æздæхынц хуымæтæг кусæн режиммæ.
Гуырдзыстоны Националон Банк валютæ ивæн пункттæм æрсидтис, карзæй æххæст кæной профессионалты рекомендацитæ æмæ амындтæ.
«Иумæйаг архæйдтæй, мах тагъд бахъом уыдзыстæм вирусы басæттын æмæ куысты хуымæтæг режиммæ æрыздæхын», – банысан кодтой Националон банкы.