Вахтанг Хъолбаиа-  сараздзыстæм ахæм паддзахад, кæцыйы  дæр,  абхазæгтæ æмæ ирæттæ  ахæм цард кæндзыстæм,  нæ ивгъуыд æмæ нæ фидæнмæ куыд  æмбæлы  афтæ
Вахтанг Хъолбаиа- сараздзыстæм ахæм паддзахад, кæцыйы дæр, абхазæгтæ æмæ ирæттæ ахæм цард кæндзыстæм, нæ ивгъуыд æмæ нæ фидæнмæ куыд æмбæлы афтæ

Хъыгагæн  оккупацийы   момент  Гуырдзыстонмæ абон дæр ис  æмæ  уый у  тынг æвзæр, – уый тыххæй   Абхазы   автономион   Республикæйы   хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг   Вахтанг Хъолбаиа  Коджоры, Юнкерты  мемориалы  цур райхъусын кодта.

«Уый  цыдæриддæр дæсой  азы  размæ ракодта  Уæрæсе,  абон дæр дарддæр кæны  Самачабло æмæ  Абхазы.   Фæнды мæ,   ноджы иу хатт  зæгъын не хсарджын  цæрджытæн,  кæцытæ  баззадысты  уыцы территоритыл – нæй  гæнæн   афтæ адарддæр уа  21-æм æнусы æгæронæй.  Мах уыдзыстæм   иумæ,  баиут та уыдзыстæм,  уыцы   æнусы   райдианы  куыд уыдыстæм афтæ,  æмæ иумæ самайдзыстæм ахæм падзахад,  кæцыйы сарызтой  сæ  афоныл нæ фыдæлтæ.   Ахæм паддзахад  рацараздзыстæм кæцыйы дæр абхазæгтæ,   ирæттæ,  иумæ  цæрдзыстæм,   нæ ивгъуыдмæ æмæ нæ фидæнмæ  куыд  æмбæлы  афтæ.  Фæнды мæ   ракувон уын  хъæддыхдзинад, уымæн æмæ æндæргъуызон   нæ бон нæу», –  райхъусын кодта   Хъолбаиа.

Гуырдзыстоны  парламенты  2010 азы  21  июлы  уагæвæрдмæ  гæсгæйæ, 25  феврал   советон  оккупацийы  бонæй  расидтысты.  Оккупацийы  сæдæгай мин   амæттæгты ном ссарынæн  ацы  бон  Гуырдзыстоны  æппæт территорийыл   паддзахадон тырысатæ  бынмæ  æруадзынц.

1921  азы  25  февралы   Уæрæсейы  сырх арми   Тбилис  систа  æмæ Гуырдзыстоны   æппæтадæмон  æмæ  сæрибар æвзæрстыты фæндагæй  æвзæрст   хицауад  раппæрст, æй  фæстиуæгæн  дæр сæххæст кодта  æхсæнадæмон барады субъекты – Гуырдзыстоны  Демокративон Республикæйы   анекси.