Вахтанг Гомелаури – стихийы  зонæйы алы хъæугæ  куыст максималон аразы, рацæугæ сыджыты  массæйы  зæгъæн ис  60% нырид бакуыстой,  стæй  ахиздзыстæм  локалон куыстытæм
Вахтанг Гомелаури – стихийы зонæйы алы хъæугæ куыст максималон аразы, рацæугæ сыджыты массæйы зæгъæн ис 60% нырид бакуыстой, стæй ахиздзыстæм локалон куыстытæм

Фыццаджы дæр  мæ фæнды  арф  хъынцъым равдисын   фæмардуæвджыты  бинонтæн.  Тынг стыр  трагеди æрцыд, 24 адæймаг амард, фарасты  агурæм,  æрбайсæфтуæвджытыл  нымад цæуынц , ирвæзынгæнæн  куыст баст у фыццаг сахаттæй, афтæма  бынæттон пъæлицæй, хъахъхъæнынады  министрад баиу ис   премьеры  барамындæй – уый фæдыл  МХ министр  Вахтанг Гомелаури  Шовы  райхъусын кодта.

Министры  дзырдæй,  зæгъгæ агурæн  куыстытæм  алы  æмбæлгæ  уагдон  баиу ис.

«Техникæ  кусы,   цæуынц  ирвæзынгæнæн мадзæлттæ.   Максималонæй архайынц, цы гæнæн уыд  ацы  цыбыр æмгъуыдтæм саразын, афтæма  авиаци дæр уыд баст   фыццаг бонты.   Зæгъæн ис  рацæугæ сыджыты  60%  нырид  басгæрстой, æрхæццæ сты  фыццагон æмвæзадмæ. Цалдæр бон   базхъæудзæн   æвæццæгæн  ноджы цæмæй   æнæхъæн массæ   бакусой,  ахиздзыстæм  локалон   куыстытæм.   Афтæма, цæугæдоны  50 километры  фадыгыл Амбролаурийы  онг,  кусынц,  контрол кæнынц æмæ  æвæццæгæн  стæй  Рионы дæргъмæ дæлæмæ  рахиздзысты, гæнæн  уыцы онг дæр рахастаит  кæйдæр» –  райхъусын кодта Гомелаури.