Вахтанг Гомелаури – Пъæлицæйагмæ бырст нысан кæны  паддзахадон институтмæ бырст æмæ хаххгондæй дзурын, уый у æнæруадзгæ
Вахтанг Гомелаури – Пъæлицæйагмæ бырст нысан кæны  паддзахадон институтмæ бырст æмæ хаххгондæй дзурын, уый у æнæруадзгæ

Æмбæстæгты æмæ пъæлицæйы æхсæн æрцæугæ быцæуæмбæлд,  никæмæн, бауырнæд уæ, нæдæр мæнæн уыд зæрдæмæдзæугæ – уый фæдыл  мидхъуыддæгты министр, Вахтанг Гомлаури  парламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ  пъæлцæйæгтæ  иудадзыг сидтысты  акцийы организацигæнджытæм  æнцаддзинадмæ, фæлæ бæрæг   тыхты  нысан уыдис, эскалаци скæнын  æмæ уый тыххæй алы амæлттæй  архайдтой.

«Пъæлицæйæгтæ иудадзыг сидтысты  акцийы организацигæнджытæм  æнцаддзинадмæ, фæлæ дзæбæх æмбарæм, цæмæй  бæргæ тыхты нысан  уыд  эскалаци скæнын æмæ уый тыххæй алы амæлттæй  архайдтой.  Уый нымæцы,  16 апрелы æхсæвы рæгмæ дæо,  акци куы фæуд кодта, хайадисджытæ дзырдæй æфзхæрдтой  пъæлицæйы кусджыты.  Æлгъыстой сæ,  сæ бинонты сын æлгъыстой, сæ хъæбулты  æмæ нал адарддæр кæндзынæн. Уый фæстæ æрцæугæ   быцæуæмбæлд  æмбæстæгты æмæ пъæлицæйæгты æхсæн  никæмæн,  нæдæр  мæнæн  уыдис зæрдæмæдзæугæ фенинаг  бауырнæд уæ.  Фæлæ  мæ  бон у бæлвырд зæгъын, цæмæй уый æппæт расайдта  барадхъахъъæнджыты  æрдæм   айзæлгæ   æвирхъау бафхæрд. Пъæлицæйагмæ бырст  нысан  кæны падзахадон институтмæ бырст  æмæ хаххгондæй дзурын, цæмæй уый у æнæруадзгæ» –  райхъусын кодта мидхъуыддæгты министр.