Вакцинацийы  программæ  ауæрæхдæр уыдзæн
Вакцинацийы программæ ауæрæхдæр уыдзæн

Вакцинацийы   программæ ныридæгæн  гом кæны, куыд медицинон персоналæн, афтæдæр  65  азæй  хистæрдæр  кары кæцыфæнды æмбæстагæн. Куыддæр дзы  «Pfizer» æрхæццæ уыдзæн бæстæмæ,  афтæмæй  цыбырдæр æмгъуыдты  фæзындзæнис системæйы æмæ æмбæстæгтæн уыдзæн  фадат сывзарын,  «Pfizer» æмæ «Астразенекайы» вакцинæты æхсæн, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа  фехъусын кодта.

Министры  хæдивæгы  информацийæ,  65  азæй  уæлдæр  кары  уæнгтæн сæхи регистрацийы ауадзын  сæ бон уыдзæн 25 мартæй.

Уыимæ иумæ  æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæгы  дзырдæй,   абон фембæлд   ацæудзæн  уыцы  клиникæты минæвæрттимæ, кæцытæ  цæттæ сты фидæнмæ   вакцинацийы   программæмæ  биау уын.

«Ацы  этапыл  вакцинацийы  26-ы онг   бирæпрофилон   клиникæ  уыдзæн  баст.  Абон хуынд сты  стыр  клиникæтæ, кæцытæ нырма  программæмæ нæ баиу сты, фæлæ  фидæны,  куы нæ бахъæудзæнис  программæ  ауæрæхдæр кæнын,  уæд ацы клиникæтæ   дæр цæттæ сты,  цæмæй  сцæттæ кæной æмбæлон инфраструктурæ  вакцинацимæ.  Вакцинацийы  центртæм, «Pfizer»-мæ гæсгæ доментæ цъус хъауджы сты.  Ам ис домæнтæ  æнхъæлмæ кæсыны  уатмæ, бацæуæнмæ,  шокы ныхмæ  цæттæдзинадмæ  гæсгæ.  Универсалон  домæнтæ шокы  ныхмæ цæттæдзинадæн ис  вакцинацийы  программæйы хайадисæг  кæцыфæнды уагдонæн.  Уый æрмæст  «Ковид-19»-ы ныхмæ  вакцинацимæ гæсгæ нæу.   Ноджы иу  ногдзинад, кæцы уыдзæнис ацы  домæнты æхсæн у , 30 минуты бæсты, 45  минутæй  фæлæууын», –  райхъусын кодта  Габуниа.