Вирус кæуыл бахæцыд æмæ чи снæниз ис, уыдоны дæр хъæудзæн вакцинаци ацæуын, фæлæ нæ протоколмæ гæсгæй, период, сбæрæгы моментæй вакцинацийы онг у æртæ мæйы. Уыдоны вакцинаци бахъæудзæн дыккаг æртыккаг кварталы. Сывæллтты тыххæй куы зæгъæм, «Пфайзеры» вакцинайæ дзурынц, цæмæй уый саразын рекомендацигонд у 19 аздзыд карæй, «Астразенекайы» цауы, бавдыст у 16 аздзыд æмæ уæлдæр, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ нысанон къорд планæй бæрæг у 18 аздзыд карæй, кæнæ та æххæстаздзыд цæрджытыл.
«Куыддæр дзы фылдæр бæрæггæнæнтæ уыдзæн сывæллæтты цауы вакцинæйы эффективондзинады фæдыл, уымæн æмæ нырма ацы бæрæггæнæнтæ нæй, афтæмæй æнхъæлцау вакцинæ-уадзæг компани æркæсдзæнис йæ протокол æмæ йæ мах дæр ахæлиу кæндзыстæм æндæр къордтыл», – загъта Габуниа.
Афтæма министры хæдивæг дзуры, цæмæй марты райдайæны Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсын «Астразенекайы» вакцинæмæ.