Уырыссаг окупантты ахст дыууæ æмбæстаг сæрибар сты
Уырыссаг оккупанттæ Адзвийы хъæуæй цы дыууæ Гуырдзыстоны æмбæстагы аскъæфтой, уыдон нырид сæрибар сты.
Эмзар Гундишвили æмæ Хъæзиаты Темуры ссæрибар кæныны фæдыл информаци Фыццаг Къаналæн сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст.
ПÆК-ы информацийæ, Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы ахсты фæдыл информиргонд уыд Евроцæдисы цæстдарæг мисси æмæ скусын кодтой тæвд хахх.
Гуры муниципалитеты Адзвийы хъæуæй уырыссаг окккупанттæ дыууæ уæнгы знон аскъæфтой.