Уырыссаг медийы  хъусинагæй,  Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы  æхсæн  тахтытæ 2020 азы фыццаг æрдæджы сног уыдзысты
Уырыссаг медийы хъусинагæй, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн тахтытæ 2020 азы фыццаг æрдæджы сног уыдзысты

Уырыссаг медийы  хъусинагæй,  Гуырдзыстон æмæ  Уæрæсейы  æхсæн  комкоммæ авиа-бастдзинад  2020  азы  фыццаг æрдæджы   сног уыдзæн.  Уый фæдыл   хъусинагы  «Известия»   сæрмагонд  хицауадыл æнцойæ хæлиу кæны.

Уырыссаг рауагъдады  хъусинагæй,   Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы  æхсæн авиа-рейсытæ   цæугæ  азы   кæронмæ  хъуамæ  сног уыдаиккой, фæлæ  уый  фæкуылымпы ис, Гуырдзыстоны  уæвæг  политикъон  уавæр.

«Известияйимæ»  ныхасы рæстæджы  анонимон  ратæдзæн  райхъусын кодта, цæмæй   тахтытæ сног кæнынæн, Гуырдзыстоны  уæвæг уавæр стабилон ссис, фæлæ  нырма   æдасдзинады хъæугæ нормæ нæй, уымæн æмæ Гуырдзыстоны  ацы  афонмæ  цæуынц  демонстрацитæ.

Уый  йеддæмæ  уырыссаг рауагъдад   сæрмагонд  хицауадон  ратæдзæныл æнцойæ   хъусын кæны,  цæмæй   фæнысангонд  фарстамæ гæсгæ,  Уæрæсе   Гуырдзыстоны   искæцы  хуызы  бадзырдтæ нæ аразы æмæ тахтытæ  сног кæныны  уынаффæ, хæдбарæй  райсдзæн.