Уырыссаг медиа – Украинæйы гарзджын тыхтæ Курскы зылды æртæ цæрæн ран бацахстой
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады хæстæг телеграмм каналты хъусинагæй, Украинæйы гарзджын тыхтæ Уæрæсейы Курскы зылды æртæ цæрæн пункты бацахстой.
Уырыссаг блогерты ххъусинагæй, украинаг æфсæддæттæ бацахстой цæрæн пункттæ Николаево-Дарьино, Дрьино æмæ Свердликово. Уыимæ украинаг æмæ уырыссаг æфсæддæтты æхсæн хæст дарддæр кæны Курскы зылды цæрæн пункт Гончаровкæйы æмæ Олешнейы цур.
Телеграмм каналты хъусинагæй, Курскы зылдмæ æмтгæй райсгæйæ 400 украинаг æфсæддон ныббырста. Ноджы 2000 украинаг æфсæддон та лæууынц арæнгæрон.
Уырыссаг телеграмм каналты информацийæ, Украинæйы гарзджын тыхтæ дарддæр кæнынц размæцыд Уæрæсейы территорийы мидæмæ, горæт Суджæйы æрдæм. Горæт фактиконæй эвакуацигонд у. Блогерты дзырдæй, зæгъгæ цух нæ у уый, цæмæй æфсæддæтты нысан уа гацбарæн станцæты сукынæг. Бынæттон хицауад æмæ Уæрæсейы хъахъхæнынады уагдон Курскы цæугæ тохы тыххæй еталтæ нæ хъусын кæнынц.
Æвдæм августы æхсæвы украинаг дронтæ дыууæ бырст сыххæст кодтой горæт Суджайы цур. Фæстиуæгæн ис цæфтæ. Афтæма хæлиу кæны информаци цæмæй æхсæвы Курскы зылды æрыппæрстой æртæ ракетæ æмæ 4 æнæпилот тæхæг аппараты. Курскы цæугæ фæзындты фæстиуæгæн цæф сты 28 адæймаг, фæстаг 24 сахаты амард æртæ æмбæстаг.