Уырыссаг медиа – 24 августы Уæрæсейы президент фембæлдзæн Бибилов æмæ Хаджимбаимæ, Гуырдзыстоны президент та - Меркелимæ
24августы Уæрæсейы президент Владимир Путин Мæскуыйы оккупацигонд Абхазы æмæ «Хуссар Ирыстоны» де-факто президенттимæ фембæлдзæн.
Уырыссаг медиа куыд хъусын кæны афтæмæй, фембæлд Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты а.х. хæдбардзинад банымады 10 азы сæрмæ гæсгæ сырæздзæн.
Уæрæсейаг медийы информацийæ ивгъуыд азы ноябры Бибылты Анатолий , Владимир Путины 2018 азы 26 августы оккупацигонд Цхинвалы регионмæ фæхуыдта.
Уырыссаг медийæн Кремлы кыд фехъусын кодтой афтæмæй, Уæрæсейы президенты графикъ хуынды сразыйы фадат нæ дæтты, уый тыххæй дæр зæгъгæ, Путин йæхæдæг фæхуыдта Хаджимба æмæ Бибилты Анатолийы, цæмæй сын сæ «Хæдбардзинады банымады 10 азы сæр раарфæ кæна».
Афтæма, уырыссаг медиа куыд фыссы, «Президентты Мæскуыйы уæыны параллелонæй» 23-24 августы Гуырдзыстонмæ официалон визитæй ныццæудзæн Ангела Меркел.
Уæрæсе оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты – Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы 26 августы банымадта.