Уыцы уæнгтæ кæцытæ дæр кусынц, уæззау, æнæниздзинадæн зианхæссæг æмæ тæссаг куысты, регистрацийæн æмгъуыд уыдзæн 15 ноябры онг
Уыцы уæнгтæ кæцытæ дæр кусынц, уæззау, æнæниздзинадæн зианхæссæг æмæ тæссаг куысты, регистрацийæн æмгъуыд уыдзæн 2018 азы 15 ноябры онг.
Æмбæлон барæстытæ, кæцытæ хаст æрцæудзысты «Куысты æдасдзинады фæдыл» закъонмæ, абоны бюройыл æрцыд инициргонд.
Уæдмæ та фæнысангонд уæнгтæн регистрацийæн æмгъуыд лæвæрд уыд 28 сентябры онг.
Барасты автортæ сты – парламентон фылдæрты уæнгтæ – Софо Къиладзе, Рати Ионатамишвили, Дмитрий Цкитишвили, Ираклий Бераиа, Давит Матикашвили, Вано Зардиашвили æмæ Анри Оханашвили.
Иницатортæ æмбарын кæнынц, цæмæй амалиуджыты фылдæр, баздæхтысты юстицийы хæдзармæ, регистрацимæ растдæр кæройнаг боны, фемдзыд ис таксийы регистрацийы фæстаг бонимæ. Юстицийы хæдзары ресурс æгъгъæд нæ уыд ахæм бæрцы куырдиæтты райсынæн.
«Амалиуджыты куыст баахъаз кæнынæн, сæвзæрд æнæмæнгхъæуындзинад, ацы уæнгтæн уæлæмхас æмгъуыд раттын, кæцы сын ратдзæн æнæфæуромгæ куысты фадат», – дзырдæуы закъонопроекты.
Закъонмæ гæсгæйæ, æнæ лицензийæ, уæззау, æнæниздзинадæн зианхæссæг æмæ тæссаг куыст, фæивар уыдзæн 1000 ларийы бæрцæй.