Уругвайы рекордонæй стыр бæрцæй 4,4 тонна кокаины ссардтой. Уый тыххæй информаци хъусын кæны «ВВС».
Масштабон операци портон сахар Монтэвидеойы ацыд. Уым аможнæйы куысты æмæ бæстæйы æфсæддон денджызон тыхтæ минæвæрттæ истой хайад.
«ВВС» куыд хъусын кæны афтæмæй, наркотикон буарад сойæйы голлæгты, цыппар контейнерыл уыд дих. Иуы миллиард доллары аргъы кокаин Африкæмæ транспортацимæ уыд цæттæ.
Уругвай, наркотиктæй базаргæнджытæн у транзитон бæстæ. Океаны уылты наркотикон фæрæзтæ Африкæ æмæ Европæмæ ласынц. Уругвайы хицауад цалдæр мæйы размæ, афтæдæр Монтэвидеойы уагъд операцийы рæстæджы 3 тонна кокаин ссардта.