«Урс Хъæлæбайы Змæлд» 15:00 сахатыл парламенты цур акци ауадздзæн
«Урс Хъæлæбайы Змæлд» 15:00 сахатыл парламенты цур акци ауадздзæн

«Урс Хъæлæбайы Змæлды»   информацийæ, абон   15:00  сахатыл   парламенты  бæстыхайы раз  акци ацæудзæн.

Уый тыххæй  информацийы, «Урс Хъæлæбайы змæлд»  публикаци кæны  фейсбукы.

«Фæстæмæ  алæууын нæ хъавæм,  паддзахад нæ расидтис  хæстмæ  æмæ   мах  дарддæр кæнæм  тох нæ  сæрибардзинадæн» – банысангонд у  фидиуæны.

Афтæма,  «Урс Хъæлæбайы змæлды» лидер  Бека Цъикаришвили  абон  сæумæрайсом  райхъусын кодта,  цæмæй  гæнæн  уыд акци  Руставелийы   проспектыл,   парламенты раз  мауал ацыдаит.

Цъикаришвили журналисттимæ ныхасы  куыд  банысан кодта афтæмæй,    эскалацийæ  хиаиуварскæныны  нысанæй,   парламенты  цур акций  уромынц æмæ   архайадон планы  фæдыл   дзыллæйæ  фæстæдæр фехъусын кæндзысты.

Парламенты  раз  æнæхъæн æхсæвы дæргъы  уыдис   акцийы   цалдæр хайадисæг.  Уыдон æхсæв   цатырты сбон кодтой, кæцыты  полици абон сæумæрайсом систа.

Афтæма,  абон сæумæрайсом  парламенты   цур  æртæ  адæймагы  æхсæн  сырæзт быцæудзинад.  Полици  æхсæны  фæткъæвæрдсасты   се ртæй дæр фæзылын кодта.

Акцийы  хайадисджытæ  æхсæвы  клубты  уагъд  спецоперацийы протест кæнынц.