Урс хæдзары сидынц , цæмæй  АИШ-ы æрдыгæй Украинайæн ног æххуысы æнæмæнгдзинад  ис
Урс хæдзары сидынц , цæмæй АИШ-ы æрдыгæй Украинайæн ног æххуысы æнæмæнгдзинад ис

Урс хæдзары сидынц , цæмæй  АИШ-ы æрдыгæй Украинайæн ног æххуысы æнæмæнгдзинад  ис

Афтæ дæр Урс хæдзары аргълæвæрдмæ гæсгæ, 80 километры онг радиусы системæтæ растдæр уый у, кæцы бæстæйы тохы ног фазайæн у æнæманг.

«Мах бахъавыдыстæм раттаикам Украинайæн растдæр уый, кæцы нæ хъуыдымæ, уыдоны Уæрæсейы бабырсты рæстæджы æнæманг уыд. Уый куыста фыццаг боны, кæд æмæ украинæгтæн сæ бон ссис Киевæн тох кæнын æмæ рамбулын. Ныр конфликт æндæр фазамæ ахызт, бæстæйы хуссар æмæ скæсæны æрдæм», – расидтис националон æдасдзинады амонæгы хæдивæг Джон Финер.

Джон Финеры ныхасмæ гæсгæ, ног хæцæнгарз ауæрæх кæндзæн Украинайы  фадаттæ æмæ сæ бон уыдзæн раст цæф бахæсын  тохы рæстæджы уырыссаг  бынæттæн.