Унити Доу -  Аргъ кæнын Гуырдзыстонæн, æмæ мын сытр кад у  ахæм бонджын традицитæ  цы бæстæйæн ис  уый  уазæг уын
Унити Доу - Аргъ кæнын Гуырдзыстонæн, æмæ мын сытр кад у ахæм бонджын традицитæ цы бæстæйæн ис уый уазæг уын

 

Мæнæн  стыр кад у ам кæй  дæн, бæстæйы  кæцыйæн ис  рагон традицитæ æмæ  æвзаг, сæндуцынады 8000 азы  историй – уый тыххæй   райхъусын кодта  Боатсваннайы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Унити Доу Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиниимæ иумæйаг  пресс-конференцийыл.

Унити Доуйы  ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Ботсванна  æмæ Гуырдзыстон хорз æмбарынц,  дыууæ бæстæйы   хъæлæс дæр  иттæг ахсджиаг кæй  сты  уый.

«Мæнæн тынг æхсызгон  æмæ мын стыр кад  у ам кæй  дæн, бæстæйы  кæцыйæн ис  рагон традицитæ æмæ  æвзаг, сæндуцынады 8000 азы  историй. Æз бæрзонд аргъ кæнын Гуырдзыстонæн, афтæдæр  бæрзонд аргъ дæттын  дискусситæе æмæ уæ хъарм  ныхæстæн.  Бостванна æмæ Гуырдзыстон хорз æмбарынц,  дыууæ бæстæйы   хъæлæс дæр  иттæг ахсджиаг кæй  сты  уый. Ницы  уæлдай  у  цас  бонджын  кæнæ  куыд  гыццыл у бæстæ.  Ивгъуыд  азы  бадзырды тыххæй та мæ хитцауады  номæй  мæ бон у  зæгъын,  цæмæй   мах арфдæр кæнæм нæ ахастытæ  уымæй  æмæ, политикъон  ахастыты фæлгæттæй рахызтыстæм,  културæмæ,  хъÆууон хæдзарадмæ, æнæнизхъахъхъæдмæ æмæ ахуырадмæ.     Ацы сектортæ  кæрæдзиимæ куы  ссиу вæййынц,  уæд иу  райсæм кæрæдзит æмбарынады хъæлæсты хызаг»= райхъусын кодта Унити Доу.

Унити Доу  Гуырдзыстонмæ æрцыд  абон. Визиты фæлгæтты Бостваннайы  делегаци  фембæлдзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, парламенты сæрдар Ираклий КЪобахидзеимæ, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнаваимæ.

Унити Доу  сæ ном  ссардзæн Гуырдзыстоны иудзинадæн тохы  мард хъайтартæн æмæ сæвæрдзæн дидингуытæ  Мемориалыл.  Бостваннайы  делегаци афтæдæр  ныццæудзæн   тыхыбын бынативгæ уæнгты  цæрæн ран Цъерованмæ æмæ  цæст ахæсдзæн  Хурвалет хъæуы  цур   оккупацион хаххыл.