Украинайы рухсады министр Гуырдзыстонæн украинаг сабиты фарсмæ лæудæн бузныг сиды
Украинайы рухсады министр Гуырдзыстонæн украинаг сабиты фарсмæ лæудæн бузныг сиды
Министр банысан кодта, цæмæй хæсты периоды Гуырдзыстон Украинайæн стыр фарсылхæцындзинад бавдыста.
«Уый у стыр фарсылхæцындзинад Украинайæн. Хæсты периоды 100-йæ фылдæр бæстæ байгом кодта украинаг класстæ æмæ рахицæн кодта ахуырадон тыгъдад нæ сабитæн æмæ уый тынг нысаниуæгджын у алы украинагæн. Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм снысангонд стратеги», – расидтис Украинайы рухсады министр.
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы æскъуыддзагæй Грушевскийы номыл Тбилисы 41-æм æмæ Батумы 20-æм скъолаты украинаг сектортæ уыд гом.
Ацы рæстæгмæ Тбилис æмæ регионты 1000 йæ фылдæр ахуыргæнинаг ис, Тбилис æмæ Батумы ацы этапыл 400-æй фылдæр.