Украинайы  раздæры минæвар Игорь Долгов Гуырдзыстонæй фæцæуы
Украинайы раздæры минæвар Игорь Долгов Гуырдзыстонæй фæцæуы

Украинайы  раздæры минæвар Гуырдзыстоны, Игорь Долгов  Гуырдзыстонæй  цæуы.

Игорь Долговы сидт Гуырдзыстоны Украинайы минæварады «Фейсбук» фарсыл у публикацигонд.

Цытджын  æмбæстонтæ, цытджын  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ, зынаргъ хæлæрттæ!

Абон   Тбилисæй  фæтæхын Варшавамæ, стæй та Киевмæ. Æз æмæ мæ  бинойнаг Гуырдзыстонмæ æртахтыстæм  2017 азы.  Ныр  та мæм афтæ кæсы цæвиттон уый уыдис æндæр цард.  Иумæ  скодтам украинаг-гуырдзиаг ахастытæ, стратегион партнерады æмвæзадмæ, иумæ рацыдыстæм пандемийы  уæззау  азтæ,  архайдтам  ма фесæфтаиккам  динамикæ куыд базарады, афтæ   контактты.

Хæст алцыппæт фæивдта.  Цæугæ азы 24  февралы фæстæ, алчи фендæр стæм.  Зæрдæрухс стæм  уыцы фарсхæцыны тыххæй,  кæцы   хæсты фыццаг бонтæй  рахатыдыстæм, гуманитарон  æххуысы тыххæй,  уый тыххæй,  цæмæй  Гуырдзыстон æмæ  гуырдзиæгтæ  сæ дуар  æмæ сæ  зæрдæтæ  фегом кодтой, хæст æмæ оккупацийæ ралидзгæ украинæгтæн.

Украинайæн йæ фарс  хæцы æппæт дуне, исы прецедент цæмæн нæй  уый бæрц æххуыс, Путины Уæрæсейы  алыварс та изоляцийы  зылд  æлхъывд цæуы.  Зонæм æмæ кæддæриддæр нæ  зæрдыл лæудзæн, цæмæй  абон   алцыппæт æфсады æнтыстытыл у баст  æмæ  никуы  нæ ферох уыдзæн, цæмæй украинайы  сæрыл хæцджытимæ иумæ лæууынц  гуырдзиæгтæ  æмæ уыдон   сæ  цард нывонд кæнынц  мах æмæ сымах  сæрибардзинадæн. Æнусы кад сын!

Бузныг алкæмæн, кæйимæ дæр мын уыд  фадат  кусын  Гуырдзыстоны  ацы азты дæргъы. Уырнæг дæн, цæмæй нæ  дыууæ æфсымæрон  нацитæ, алцыппæт сараздзысты  Украинайы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  æмахаст стынг кæнынæн.  Æнусы кад Украинайæн! Æнусы  кад Гуырдзыстонæн!» – банысангонд у  Долговы  сидты.

Украинайы президент, Володимир Зеленски,  Гуырдзыстонæй  минæвары фæстæмæ асидтис  фыццаг марты. Украинайы  преиздент  минæвары  йæ куыстæй сисыны фæдыл куырдиат, 26 июны  сарызта.  Игорь Долгов  ацы афонмæ уыдис Гуырдзыстоны.