Украинайы президенты администраци Дарья Дугинайы марындзинады æрцæттæй фæдыл Уæрæсейы æдасдзинады куысты зылынгæнæнтыл нæ сæтты
Украинайы президенты администраци, Дарья Дугинайы марындзинад æрцæттæ кæныны фæдыл Уæрæсейы æдасдзинады федералон куысты аххосæгтыл нæ сæтты.
Æмбæлгæ фидиуæн, президенты администрацийы хистæры уынаффæгæнæг Михаил Подоляк публикаци скодта микроблог «твиттеры» фæрцы.
«Уæрæсейы пропагандæ æрымысгæ дунейы цæры: пропагандист Дарья Дугинайы автомобилы стынды, сылгоймаг æмæ йæ 12 аздзыд хъæбулы фæаххосджын кодтой. Диссагæн, сæ бынатыл эстойнаг виза не ссардæуыд», – хъусын кæны Подоляк.
Бæрæгдзырдæн, Александр Дугины хъæбул Дарья Дугина дыууæ боны размæ Мæскуыйы зылды, хæдтулгæ стынды фæстиуæгæн амард. Уæрæсейы æдасдзинады куысты хъусын кæнынц, цæмæй Дарья Дугинайы марындзинад æрцæттæ кодтой Украинайы спец-куыстытæ, марындзинад æххæстгæнæг та ацы рæстæгмæ Эстонийы уæвы.