Украинайы минæвар – Гуырдзыстон æмæ Украина кæддæриддæр иумæ сты, æнкъарæм æмæ нæ хъæуы æххуыс сымахæй
Гуырдзыстон æмæ Украина кæддæриддæр иумæ сты, æнкъарæм æмæ нын хъæуы æххуыс сымахæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Украинайы минæвар Игорь Долгов, цæугæ фæзынты фæдыл загъта.
Фæнысангонд комментари, Долгов сарызт «Лелойы» организацигонд Украинайæн солидарондзинады нысанæн акцийыл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Уæрæсейы агрессивон плантæн сæ ныхмæ слæууынæн, сегасдæр ахсджиаг у æмуддзинад æмæ солидарондзинад, уыимæ иумæ минæвар фарсхæцыны Гуырдзыстонæн бузныг загъта.
«Гуырдзыстонæй æххуыс кæддæриддæр уыдис нысаниуæгджын, дзæбæх зонут уæхи æмæ Украинайы истори дæр. Бирæ азы размæ Абхазы фæзындтæ куы тынг кодтой, украинæгтæ уым уыдысты. 2008 азы Гуырдзыстонмæ Уæрæсейы куы æрбабырста, Украина уыдис ам. 2014 азы Украинæгтæм куы бабырста Уæрæсе, сымах лæууыдыстут нæ фарсмæ. Мах кæддæриддæр иумæ стæм алы æхсæнадæмон организацийы. Ам кæй стут, уый у сымахæй фарсхæцыны равдыст. Бузныг уын. Мах кæддæриддæр æнкъарæм æмæ нын хъæуы æххуыс сымахæй.Сæйраг цæй саразын у нæ бон ацытæккæ, у уый æмæ Уæрæсейæн равдисæм, цæмæй агрессивон плантæ йын нæ фæраст уыдзысты, ис иудзинад æмæ солидарондзинад. Растдæр уый тыххæй, абон Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Димитри Кулеба, НАТО-йы штаб-хæдзары уыдзæн æмæ иумæ адарддæр кæндзыстæм агрессийы баурæды æнæнæмнгхъæуындзинадыл консессусмæ æрцæуын архайын», – райхъусын кодта Игорь Долгов.