Украинайы мидхъуыдтæгты министр сиды Саакашвилимæ хицауадæн йæхи ратта
Арсен Аваковы ныхасмæ гæсгæ, Одессайы экс-губернатор хæсджын у дзуапп ратта вæрд аххосæгтыл æмæ йæхи бахиза тугкалды провоцирдзинадæй. «Алы конфликт æрмæст дæр законон фæндагæй хъуамæ æрбиноныг уа. Цалынмæ ма уа тæрхондоны æскъуыддзаг, уæдмæ нæй æндæр фадат, Саакашвили хæсджын у законы фæлгæтты архайа æмæ дзуапп ратта вæрд аххосæгтыл» -сиды Украинайы мидхъуыдтæгты министр.