Украинайы «Ми-8» типы хæрдмæтæхæджы катастрофæйы амæттаг фесты цыппар  æфсæддоны
Украинайы «Ми-8» типы хæрдмæтæхæджы катастрофæйы амæттаг фесты цыппар æфсæддоны

Украинаы «ми-8» типы хæрдмæтæхæджы катастрофæйы амæттаг фесты цыппар  æфсæддоны.

Украинаг  медийы  информацийæ,  хæрдмæтæхæг Украинайы   ныгуылæны, Ривнейы  бæстæйы  æрхаудта. Хæрдмæтæхæджы экипажимæ контакт  дысон æхсæв аскъуыдис.  Ахæлиугонд информацийæ,   æрхауды  фæстæ хæрдмæтæхæгыл  арт бафтыд.  Æфсæддон  хæрдмæтæхæг  ахуырадон   мисси  æххæст кодта.

Фæмардуæвджыты æхсæн  ис  Украинæйы   гарзджын тыхты  сурзæххон æфсæдды   авиацийы  16-æм хицæн бригадæйы  сæргълæууæг.

Трагедийы аххос нырма  бæрæг   нæу.   Бынаты  фæдæвзарæн  мадзæлттæ   цæуынц.