Украинайы  хицауады информацийæ, горæт Сумыйы  сабидонæй  æдас ранмæ  71  сывæллоны аласын бантыст
Украинайы хицауады информацийæ, горæт Сумыйы сабидонæй æдас ранмæ 71 сывæллоны аласын бантыст

Украинайы  хицауады  информацийæ,  горæт Сумыйы  сабидонæй, æдас ранм  71  сывæллоны  аласын бантыст.  Ноггуырд  сывæллæттæ иу  къуырийы дæргъы уыдысты  бункеры. Информаци хъусын кæны  «ВВС».

Уæрæсейы тыхтæ  горæт Сумыйы  цæгат-скæсæны цур сты  æмæ цалдæр къуыри у  интенсионæй æхсынц  бомбæтæ   горæтыл.

«Гуманитарон   кæлидорæй  эвакуацийы  фыццаг  фадат куыддæр фæзындис афтæмæй,   раластам сывæллæтты   хæстон архæйдтыты  зонæйы  уæвæг   специализацигонд   сабидонæй» – банысан кодта  Сумыйы  гумернатор  Дмитро  Живицки, кæцы  социалон хызаг «Фейсбукы»  эвакацигонд  сывæллæтты  камтæ  публикаци кæны.

«Адон сты  сывæллæттæ, кæцытæн æндæр æмæ æндæр  аххосæй  нæй  ныйарджытæ  æмæ уæцыты  фылдæрæн хъæуы  иудадзыг   медицинон æххуыс» –  банысан кодта Живицки.