Украинайы хицауад Донецкы зылды уыцы районтæй, кæцыты Уæрæсе нæ бацахста, æнæмæнгхъæугæ эвакуацийы процесс райдыдта
Украинайы хицауад Донецкы уыцы районтæй, кæцыты Уæрæсе нæ бацахста, æнæмæнгхъæугæ эвакуаций процесс райдыдта. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Украинайы вице-премиер Ирина Верещук.
«Фыццаг поезд абон ныццыд Кропивницамæ – сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, карджытæ. Алкæмæн сæ размæ рацæудзыстæм æмæ сæ æрцæрын кæндзыстæм», – райхъусын кодта Верещук.
Бакой уын кæндзыстæм, Донецкы районæй æнæмæнгхъæугæ эвакуаци Украинайы хицауад зымæджы сезоны æрбаввахсимæ сбаста. Киевы хъусын кæнынц, цæмæй Донецкы зылды, кæцыйы иу хай Киев контрол кæны, рмæст иннæ хайы та Уæрæсе бацахста, хæцæн архæйдтыты тыххæй хъармкæныны æмæ электросистемæ базиан сты, цæй тыххæй дæр зымæджы уым æмбæстæгты ныууадзын гæнæн нæй.
Украинайы хицауад йæхимæ исы бæрн æмбæстæгты транспортацийыл, цæрæнуаттæ раййуæрст æмæ финансон æххуысыл. Æнæмæнгхъæугæ эвакуацийы фæстæ, æмбæстагæн ратдзысты рæстæгмæ бынативгæ уæнгы æвдисæн гæххæт. Уыцы адæймæгтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ эвакуацийыл не сразы уыдзысты, къух бафысдзысты документыл, ома сæхæдæг уыдзысты бæрнон сæрмагонд æмæ сæ сывæллæтты цард æмæ æнæниздзинадыл.