Украинайы хъахъхъæнынады министр -  знон  æцæг фæсаст уыд, хæст ссис  европаг, ныр æрдæг Европæ  æмбырд кæны,æ вæры æмæ нæм ласы  хæцæнгарз  æмæ  хихъахъхъæнæн ифтонггæрзтæ
Украинайы хъахъхъæнынады министр - знон æцæг фæсаст уыд, хæст ссис европаг, ныр æрдæг Европæ æмбырд кæны,æ вæры æмæ нæм ласы хæцæнгарз æмæ хихъахъхъæнæн ифтонггæрзтæ

Украинайы   хъахъхъæнынады  министр Олекси Резников  æмбæстæгтæм раздæхт  æмæ   банысан кодта,   ома  хæст ссис Европаг. Фидиуæны Резников публикаци кæны «Фейсбукы».

«Знон  æцæг фæсаст æрцыд, хæст ссис  европаг.  Кæдæй-уæдæй  бамбæрстой.  Нырид æрдæг европæ æмбырд кæны, æвæры, æмæ ласы махмæ  хæцæнгарз  æмæ  хихъахъхъæнæн  ифтонгад.  Нысаниуæгджынæй  райрæзтис  уыцы  паддзахадты   нымæц,  кæцытæ нын реалонæй æххуыс кæнынц.  Райрæзтис æххуысы масштаб дæр», –  фыссы   министр.

Украинайы  хъахъхъæнынады  уагдоны къухдариуæггæнæг   афтæдæр банысан кодта,  Евроцæдисы инциативæ, фенцондæргонд уагæй, формалон процедурæтæй цух   райса  украинаг лигъдæтты.

«Европæ нырид ратта  рæстæгмæ хиæмбæхсæн   дæсгай мин  уыцы адæймагæн, кæцыты  фервæзын кæнын нæ  фæнды  сегасдæр тыхджын –  нæ сывæллæтты æмæ сæ мæдты.  Цыфæнды  формалондзинæдтæй цух, куыд сæхиуæтты.  Ныр ныгуылæны  нын арæн нал ис. Фæлæ  æххуыс ис  хуссарæй дæр,  дард хурыскæсæны æмæ  атлантикæйы иннæ фарсæй дæр.  Алцыппæт уый украинаг   адæмы  сæрыл хæцджыты  сгуыхтдзинад у, кæцы  не сразы ис,   æрра тиранæн коммæгæсдзинадыл æмæ кæцы  æнæмæнгæй  фæуæлахиз уыдзæн. Украина  фæуæлахиз уыдзæн! Æнусы кад Украинайæн», – фыссы  Резников.