Украинайы хъахъхъхъæнынады министр хъусын кæны, цæмæй генштаб контрбырсæнцыд цалдæр æрдæмадæй план кæны
Укаинайы хъахъхъæнынады министр Олекси Резников хъусын кæны, цæмæй генералон штаб контрбырсæнцыд цалдæр æрдæмадæй план кæны. йæ дзырдæй зæгъгæ алцыппæт уыдзæн баст боныгъæдыл æмæ æфсæддæттæ æмбæлгæ моментмæ æнхъæлмæ кæсынц.
Министр æнхъæлы, цæмæй контрбырсæнцыд апрел-майы райдайдзæн. Уый фæдыл Резников Эстонийы æхсæнадон уацхæссæгим æинтервьюйы райхъусын кодта.
Журналист Резниковы фарста, кæд фендзысты «Леопарды» типы немыцаг танкты фронтыл.
«Сымах сæ фендзыстут контрбырсæнцыды рæстæджы, не генералон штабы уынафæмæ гæсгæйæ. Уый нырид план кæны цалдæр æрдæмадæй. Баст у кæд уыдзæн сеппæтæй хуыздæр момент, куыд аскуыддзаг кæндзысты афтæ. Афтæма алцыппæт баст уыдзæн боныгъæдыл. Уалдзæджы иу зæххы махмæ тынг хуылыдз у, гæнæн ис æрмæст калдзалх техникæйæ змæлын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, апрелы кæнæ зæрдæвæрæны се фендзыстæм», – райхъусын кодта Резников.
Хъахъхъæнынады министры дзырдæй, зæгъгæ 2023 азы Дуне Украинайæн тынг позитивон ивдтытæ фендзæн.
Уырнæг дæн, цæмæй адарддæр кæндзыстæм рæстæгмæ оккупацигонд территоритæ сæрибар кæнын, уый куыд сарызтам Киевы, Черниговы, Сумыйы, Харкьовы, Херсоны. Алцыппæт уы адарддæр уыдзæн», – дзуры Резников.
Уыимæ ма министр банысан кодта,ц æмæй Уæрæсейы тыхтæн нал фаг кæны хæстæрмæджытæ.
«Уыдон дæр фæллад сты. Стыр сæфт бавзæрстой, бирæ фæмардуæвæг æмæ цæфтæ сын ис. Æрвылбойнонæй иу иууыл цъус 500 адæймагæй – фæмардуæвджытæй æмæ цæфтæй фæхъуаг вæййынц», – загъта Украинайы хъахъхъæнынады министр Олекси Резников.