Украинайы Гуырдзыстоны хъуыдтæгты рæстæгмæ бæрнон Украинайы æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæгæн Михаил Саакашвилийы фидиуæны фæдыл протестон нотæ алæвæрдта
Украинайы Гуырдзыстоны хъуыдтæгты рæстæгмæ бæрнон Украинайы æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæгæн Михаил Саакашвилийы фидиуæны фæдыл протестон нотæ алæвæрдта
Украинайы, Гуырдызстоны хъуыдтæгты рæстæгмæ бæрнон давид Бочъоришвили Украинайы æттаг хъуыдтæгты министры æдивæг Васил Боднарыл фембæлд.
Украинайы Гуырдызстоны минæварады информацимæ гæсгæ, бæрнон украинаг фарсæн протестон нотæ алæвæрдта Украинайы реформæты националон советы æхæхстгæнæн комитеты сæрдар Михаил Саакашвилийы, 9-æм июлы арæзт фидиуæны фæдыл æмæ тыхстдзинад расидтис Украинайы официалон уæнгы æрдыгæй Гуырдызстоны хицауады ныхмæ арæзт фидиуæны фæдыл.
Сæ информацимæ гæсгæ, фембæлды рæстæджы, Давид Бочъоришвили банысан кодта, цæмæй провокацион къахдзæф зиан хæссы дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг æрдхордон, стратегион æмахастытæн.