Украинайы гарзджын тыхты сурзæххон æфсæдды  сæрдар -  тагъд ахиздзыстæм   бырсæн операцитæм
Украинайы гарзджын тыхты сурзæххон æфсæдды сæрдар - тагъд ахиздзыстæм бырсæн операцитæм

Тагъд ахиздзыстæм  бырсæн   операцитæм, –  уый фæдыл  Украинайы  гарзджын   тыхъты   сурзæххон   æфсæдды сæрдар, Александр  Сырски   райхъусын кодта.

Сырски   Лиманы  регионы   фронты   хаххы  цур уыд  æмæ уыцы  украинаг  æфсæддæттимæ фембæлдис, кæцытæ  сегасдæр «тæвд  рæтты»  æххæст кæнынц   хæслæвæрдтæ.

«Нæ  хайадтæ   стабилонæй  дарддæр кæнынц   сæ  хаххыты æмæ  позицтиты  хъахъхъæнын,  ныкъуырд кæнынц   знаджы алы  бырсты  архайд.   Иумæйагæй  кæсæм фæзындты   айтынгы гæнæн сценаритæ  æмæ фронтыл   уæвæг  уавæр», – райхъусын кодта Сырски.

Украинайы  сурзæххон   æфсæдды   сæрдар  хаххгондæй банысан кодта, цæмæй  «тагъд æрлæудзæн  рæстæг,  Украина активон  бырсæн   опекрацитæм куы рывналдзæн».

Уыимæ иумæ ма, Сырски   раарфæ кодта   æмæ схорзæхджын кодта   алы  офицеры æмæ  æфсæддоны, кæцытæ «æхсарджынæй  æххæст кæнынц  сæ хæс  украинаг адæмы раз».