Украинайы  фондз аздзыд  сывæллоны  марындзинады  зæрдæхсайд   дыууæдæр полициагы  æрцахстой
Украинайы фондз аздзыд сывæллоны марындзинады зæрдæхсайд дыууæдæр полициагы æрцахстой

Украинайы  фондз аздзыд  сывæллоны  марындзинады  зæрдæхсайд   дыууæдæр полициагы  æрцахстой.

Лейтенант  Иван  Приходькойы  æмæ хистæр  сержант  Владимир  Петровецæн  60  бонон развæлгъау  ахст стæрхон кодтой.   Уымæй   дарддæр  ма, дыууæдæр полициагы  адвокат хъусын кæнынц, цæмæй сæ дæлæвджидтæ нæ зонынц  зæгъгæ,  цæмæй  сæ  кæцы    фехста  фондз аздзыд  Кириллы, кæцы знон  рынчындоны  æрбамард.

Дзырдæуы  31 майы  æрцæугæ инциденты тыххæй. Фæдагуырдæй куыд фæбæрæг афтæмæй,   дыууæ полициаг   расгуытæ уыдысты æмæ  райдыдтой  бæгæны æвгтыл æхсын. Иуæй-иу  нæмыг   кæрты хъазæг  фондз аздзыд  сывæллоны  сымбæлд.  Уыйы  фæхæццæ кодтой  рынчындонмæ  фæлæ  дохтыртæ  йæ  фервæзын кæнын нал  бахъом сты.  Сывæллон  æрцæугæйæ æртæ бонмæ  фæмард.

Сæрыфыццагæй  Украинæйы   прокуратурæ   хъуыддаг рæгъмæ рахаста   æдзæллагдзинадæй  уæззау  базиан кæныны  статийæ.  Фæлæ  фæстæдæр   аххосагы   квалификаци ивд  æрцыд   барæй  марындзинады  статийæ.

Æрцæугæйы  тыххæй   ракой  кодта  Украинайы президент Владимир Зеленский æмæ  фыдгæнджыты дзуаппмæ раттыны  дзырд  ратта.

Æрцæугæйы тыххæй   Киевы  облæсты   полицийы   хистæры  йæ  куыстæй  систой.