Украинайы  фæстаг суткæйы мидæг  рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 666  цау, уыдонæй 52 сывæллон æмæ 63  та медперсонал у
Украинайы фæстаг суткæйы мидæг рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 666 цау, уыдонæй 52 сывæллон æмæ 63 та медперсонал у

Украинайы  фæстаг æхсæв-боны мидæг,  коронавирусæй   инфицирады  ноджы   666  ног цау  рабæрæг ис, 11 пациент  та  амард.

Информацийы хъусын кæны  бынæттон медиа.

Украинайы  æнæнизхъахъхъæды министр Максим  Степанов  брифингыл куыд фехъусын кодта,  уымæ гæсгæ,   фæстаг  24 сахаты дæргъы   цы  ног цаутæ  фæбæрæг, сты уыдонæй 52  сты  сывæллæттæ, 63 та   медперсонал. Госпитализацигонд æрцыдысты  172  фæрынчынуæвæг.

Коронавирусы  ахæлиуы  фыццаг бонæй  Украинайы   æмтгæй  райсгæйæ  фæрынчын ис 32  476  адæймаг, уыдонæй 2 402  сывæллон æмæ 500  дохтыртæ.  Æмтгæй  райсгæйæ  сæнæниз сты  14  528  адæймаг, уыдонæй  275  фæстаг суткæйы мидæг. Фæмардуæвджыты  æмтгæйон  нымæц у  912 адæймаг.