Украинайы ЦÆК-ы ацы рæстæгмæ уæвæг бæрæггæнæнтæй, Владимир Зеленскийы партий 42 процентæй лидер у
Украинайы ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, бахыгъд сты бюллетенты 30 процент, кæцытæм гæсгæ ног æрсидты Радамæ æдæппæт, фондз партий бацæудзæн.
Хъæлæсты 42 процентæй лидер у президент Владимир Зеленскийы парти «Слуга народу», проуырыссаг «Оппозицион платформæ-цардæн» райста 12 проценты. Экс-президент Петро Порошенкойы «Европаг Солидарондзинадæн» -8 процент, Юлиа Тимошенкойы «Батькивщина» 8 процент, æрмæст Святослав Вакарчукы партий «Голос»-æн 6 процент.
Цыдæриддæр та иу мандатджыт бæстæтæм æххæссы, Украинайы ЦÆК-ы бæрæггæнæнтæй, уым президент Зеленскийы парти «Слуга Народу» 42,11 процентæй у лидер, дыккаг бынатыл ис, проуырыссаг партий «Оппозицион платформæ- цардæн» – 12,69 процентæй. Æртыккаг у Петро Порошенкойы «Европаг Солидарондзинад»-8,68 процентæй, уыппæрæм Юлия Тимошенкойы «Батькивщина» – 8,23 процентæй, æрмæст фæндзæм та Святослав Вакарчукы партий «Голос» – 6,39 процентæй.
Гуырдзыстоны раздæры президенты Михеил Саакашвилийы партий, «Ног тыхты змæлд» мажоритарон уагæй, 0,47 процент райста.
Цыдæриддæр та активондзинадмæ æххæсы, æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты хайад райста электораты 49,84, кæцы у историкъон минимум.