Украинайы бынæттон рæстæгæй  сæумæрайсомы  04:00 сахатæй  уæлдæфон   фæдис скуыста
Украинайы бынæттон рæстæгæй сæумæрайсомы 04:00 сахатæй уæлдæфон фæдис скуыста

Украинайы бынæттон   рæстæгæй,  сæумæрасомы  04:00  сахатæй  уæрæхмасштабон  уæлдæфон  фæдис   скуыста.  Уæрæсе  ракетон  бырст сыххæст кодта  Киевы,  Хмельникцкийы,  Одессæйы æмæ Житомиры  районтыл.

Одессæйы  районыл   сæххæст ракетон  хафты   рæстæджы фæхъуыд иу  æмæ фæцæф сты  дыууæ  адæймаг. Горæты  хицауад хъусын кæны. цæмæй Киевы   уæлдæфон    тыгъдады ныхкъуырд  раттой    знаджы алы бырсты.

Æртæ адæймаг  амард Уæрæсейы  сæххæстракетон  бырсты фæстиуæгæн Украинайы  горæт Херсоны цур. Фæмардуæвджыты  нымæцы ис  фондзаздзын сывæллон дæр. Медиайы   информацийæ, иуæй-иу  сармадзаны  нæмыг   Херсоны  районы  хъæу Зеленовкайы, дуканийы  цур æрхауд, ацы  ракетон бырсты фæстиуæгæн  зиæнттæ райстой  æртæ  адæймаг.