Украинайы æмæ Уæрæсейы æхсæн уацайрæгты  Куадзæнон  баивд ацыд
Украинайы æмæ Уæрæсейы æхсæн уацайрæгты Куадзæнон баивд ацыд

Украинайы æмæ Уæрæсейы  æхсæн уацары    Куадзæнон биавд ацыд.  Уый фæдыл информацийы  украинаг  медиа  Украинайы президенты  офисы  къухдариуæггæнæг   Андрей Ермакыл æнцойæ  хъусын кæны.

Ермакы хъусинагæй, Украина Уæрæсейы  уацарæй  130 адæймагы æрыздæхта.  Баивд  æстаг бонты  дæргъы   цалдæр жтапæй  сыххæст ис.  Ссæрибаргондты æхсæн сты  украинаг  æфсæддæттæ, арæнхъахъхъæнджытæ, паддзахадон   транспортон  куысты  кусджытæ, националон   гвардийы  уæнгтæ.

Нырма бæрæг нæу,  Куадзæнон баивды  фæстиуæгæн   цал  æфсæддон уацайрагы   адæтта  Украина   Уæрæсейæн.