Украинайæ Уæрæсемæ  тыхыбын  депортацигонд сывæллæтты сæ ныййарджытæм æрыздæхтысты
Украинайæ Уæрæсемæ тыхыбын депортацигонд сывæллæтты сæ ныййарджытæм æрыздæхтысты

Уæрæсемæ  тыхыбын депортацигонд  31  украинаг   сывæллон  сæ  ныййарджытæм  æрыздæхт.  Сывæллæтты æрыздæхт  хæрзаудæн  организаци  «Аирвæзын кæнæм  Украинайы» организацигондæй  бантыст.  Уыдоны  Уæрæсейæ  Белорусы уылты  Украинамæ  нылластой. Иуæй-иу  сывæллон  радзырдта, цæмæй  сæм  «фосмæ» цы  ахаст дарынц  ахæм ахаст дарттой  æмæ сын дзырдтой, цæмæй  сæ ныййарджыты  нал  хъуыдысты.

Хæст райдаыны фæстæ оккупацион  тыхтæ  Украинайæ 16000-æй  фылдæр сывæллоны   тыхыбын  аластой  Уæрæсемæ.

Ивгъуыд  мæйы тугтæрхоны  барады  æхсæнадæмон тæрхондон Уæрæсейы  президент  Владимир Путины æрцахсты  фæдыл ордер  адæтта сывæллæтты æнæзакъонон  депортацийы  æмæ æфсæддон фыдракæндты тыххæй.