Украинаг медийы хъусинагæй, Киевы «Импичменты Маршмæ» рацыд 8 500-ы онг æмбæстаг
Киевы «импичменты маршмæ» 8 500-ы онг адæймаг рацыд.
Уый фæдыл хъусын кæны украинаг медиа.
Æкцийыл æрымбырдуæвджытæм ныхасæй басидтис Саакашвиийы бинойнаг.
«Гæнæн ис Петро Порошенкойы фæндыд ратгæ дзырд сæххæст кæнын, фæлæ нæ бахъом ис æмæ хъуамæ бамбара, цæмæй политикæ бизнес нæу æмæ адæм та не сты продукт» – загъта Сандра Руловс.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнг у Украинæйы ивындзинæдтæ сæххæст кæнын.
«Æнæмæнгхъæугæ у коррупциимæ тох кæнын алы бæстæйы дæр, æмæ дæнцæн махæн уый бантыст Гуырдзыстоны, стыр зындзинæдтæм æнæкæсгæ. Украинæйы хицауад та, сырх хаххæй ахызт» – бафтыдта ма Сандра Руловс.