Украинаг медийы хъусинагæй, Киевы æнæбæрæг уæнгтæ Зураб Адеишвилимæ балæбурдтой, кæцыйы фæстиуæгæн йæ рычындонмæ аласын бахъуыд
Киевы æнæзонгæтæ Гуырдзыстоны юстицийы раздæры министр, Зураб Адеишвилийы фæнадтой. Уый фæдыл информаци хуъсын кæны украинаг медиа.
Киевы пъæлицæйы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Адеишвилимæ цыппар æнæбæрæг уæнг балæбурдта, фыднад æй скодтой æмæ фæтар сты. Афтæма сæ информацийæ, райсгæ зиæнтты тыххæй Адеишвилийы госпитализаци бахъуыд.
Медийы куыд фыссынц афтæмæй, нады факт баст у Адеишвили Гуырдзыстоны цы куыст кодта уыимæ.
Зураб Адеишвили ацытæккæ Украинайы генералон прокурроры уынаффæгæнæгæй кусы.