Украинаг медийы  хъусинагæй, Гиули Аласаниа  Володимир  Зеленскимæ басидтис куырдиатæй,  исты амæлттæй  сифтонг кæна Саакашвилийы Украинамæ æрыздæхт
Украинаг медийы хъусинагæй, Гиули Аласаниа Володимир Зеленскимæ басидтис куырдиатæй, исты амæлттæй сифтонг кæна Саакашвилийы Украинамæ æрыздæхт

Михеил Саакашвилийы мад Гиули Аласаниа  Украинайы  преиздент Володимир Зеленскимæ куырдиат æрвиты, ома исты  амæлттæй  сифтонг кæна Михеил Саакашвилийы  Украинамæ æрыздæхт. Видео-сидт публикацигонд уыд раздæры президенты «Фейсбук»  фарсыл.

«Æз дæн Миша Саакашвилийы мад. Мæ сæрæн ницыуал зонын. Мæ хъæбулы мын  мæ цæсты раз марынц.  Фæнды мæ  балæгъстæ кæнын президент  Зеленскийæн, кæцы нын  бирæ хатт баххуыс ис, фæлæ  ныр  нæ  сæрмагондæй  хъæуы  йæ æххуыс. Хъæуы  исты амæлттæ  организаци скæнын Михеил Саакашвилийы, ардæм, Украинамæ  раласын, цæмæй  йын ам уа æмбæлгæ   хоскæнын, æмбæлгæ  базылд  æмæ исты  амæлттæй  фервæза.

Уый нырид 35-æм бон  у  нæхæргæ простет кæны.  Уæ бон у  уый сфæлгондзын?  Фæлæ  ууыл ничи мæт кæны.  Иунæг цы йын æнхъарынц, у ахæстоны рынчындон, цы ран нæй  хъæугæ  специалисттæ,  æппын нæй  æмбæлгæ уавæртæ  ахæм  пациентæн схоскæнынæн.  Æцæгæйдæй мæ уæ стыр ныфс ис.   Сымах, алкæй, украинаг  адæмы. Депутатты æмæ   курæг дæн  Украинайы хицауадæй æххуыс. Кæй зæгъын æй хъæуы,  фыццаджы  дæр президент Зеленскийæ», – хъусын кæны  Гиули Аласаниа.