Украинаг медийы информацийæ, уырыссаг тыхтæ Чернобылы атомон электростанцæ бацахстой
Уырыссаг тыхтæ Чернобылы атомон электростанцæ бацахстой. Информаци уый фæдыл украинаг рауагъдад «Украинская Правда», президенты офисы хистæры уынаффæгæнæг, Михаил Подолякыл æнцойæ хъусын кæны.
«Карз тох фæстæ, Чернобылы фæзыл контрол фесæфтам» – банысан кодта уый.
Президенты администрацийы минæвары хъусинагæй, Чернобылы раздæры атомон станцæйы объектты, афтæма хъахъъхæнæг саркофагы æмæ атомон баззайæггæгты æвæрæны уавæры фæдыл информаци нæй.
Михаил Подолякы дзырдæй зæгъгæ нæй гæнæн уый зæгъын, цæмæй атомон электростанцæмæ ницы тас æрхъирæн кæны.
Президенты офисы нымайынц, цæмæй уый Европæйæн иуæй-иу сеппæтæй серьозон тас у, уымæн æмæ Уæрæсейы æфсæддæн сæ бон у Чернобылы атомон электоростанцæйыл провокацитæ кæнын.