Украинаг медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы  тыхтæ  Донецкы зылды  хъæу  Веселое бацахстой
Украинаг медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы тыхтæ Донецкы зылды хъæу Веселое бацахстой

Уæрæсейы тыхтæ, Донецкы зылды хау Веселое  бацахстой. Информаци уый тыххæй,   украинаг   портал «Deep Stat» хъусын кæны.

Уыимæ, ахæлиугонд  хъусинагæй,  оккупацион тыхтæн размæцыд ис  Донецкы  зылды  цæрæн рæтты: Лисичанскы цур, Ивановкайы цур, Сергеевкæйы  æмæ Желланейы  цур.

Украинæйы генштабы хъусинагæй,  ивгъуыд  æхсæв-боны мидæг  Уæрæсейы  тыхты  бырст  11  æрдæмадæй,сæрмагондæй   карз  та Донецкы  зылды, Покровскы  æрдгæй уыд. Украинаг фарсы информацийæ, ивгъуыд  æхсæв-боны мидæг   фронтыл 127  хæстæмбæлд æрцыд.