Украинаг медиа фысыы Саакашвилийы Порошенкомæ æрвыст фыстæджы тыххæй
Одессæйы раздæры губернатор, Михеил Саакашвили Украинæйы президент Петро Порошенкойæн бафидауын байнхъарыд – уый фæдыл информацийы Порошенкойы алыварслæуджытæй анонимон ратæдзæныл æнцойæ хæлиу кæны телекомпани ТСН.
Телекомпанийы ратæдзæны хъусинагæй президент Порошенко Саакашвилийæ райста фыстæг, кæцыйы мидæг йвын æнхъары деескалаци. Фæлæ фыстæджы фæдыл информаци нæй Михеил Саакашвилийы балмæ.
Уыдон нæ зонынц, арвыста æви нæ Сакашвили фыстæг Порошенкомæ, фæлæ нæ цух кæнынц, цæмæй се æркуырдты сæххæсты цауы, ахæм исты æцæгдæр æрцæуа. Æркуырдтæ та ахæм сты: антикоррупцион тæрхондоны саразын, æвзæрстыты фæдыл закъон, закъон импичменты фæдыл æмæ генералон прокурроры куыстæй сисын.
Порошенкомæ æрвыст фыстæджы фæдыл, цъс рæстæджы размæ фыста рауагъдад «Insider».