Украинаг фарсы хъусинагæй,  Уæрæсейы  оккупацион тыхтæ Украинайы, Ривнэйы зылдыл  масштабон бырст сыххæст кодтой
Украинаг фарсы хъусинагæй, Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Украинайы, Ривнэйы зылдыл масштабон бырст сыххæст кодтой

Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Украинайы   Ривнейы   зылдыл   масштабон   бырст  сыххæст кодтой.  Бынæттон  хицауады информацийæ,  æфсæддон æнæпилот  аппараттæй   бырсты рæстæджы  скуынæг  ис  нефтыбазæ.

Ахæлиугонд  хъусинагæй,  бомбæкалды фæстиуæгæн амæттаг нæй.   Украинайы   æфсады  уæлдæфон тыхты   информацийæ, 10 августы  æхсæв  уырыссаг æфсæддæттæ Украинамæ, Курсы  зылдæй   ирайнаг  æнæпилот хæдтæхджытæй    ныбырстой. Бырст   фондз сахаты  даргъ кодта.  Ивгъуыд æхсæв   Украинайы  уæлдæфон   фæдис  дæс  регионы райхъусын кодтой.

Уæвæг информацийæ, Украинайы   хъахъхъæнынады  тыхтæ цалдæр   æнæпилот   хæдтæхæг æрыппæрстой. Афтæма   хæлиу кæны   информаци, цæмæй   Запорожьейыл уырыссаг æфсæддæтты  бырсты   фæтсиуæгæн  фæмардуæвджыты  нымæц æртæйы онг фæфылдæр ис, фараст  тæ фæцæф сты.  Украинайы  æфсады  генштабы информацийæ, уырыссаг æфсæддæттæ   фæстаг иу  боны  дæргъы   æхсæз   æрдæмадæй   бахъавыдысты ныббырсын.  Æмтгæй райсгæйæ  фронты хаххыд  сфиксир ис 30-ы  онг быцæуæмбæлд.