Украинаг барвæндонтæ  Владимир Зеленскиимæ ныхасы  фæстæ, Донбассæй  хотыхтæ раластой
Украинаг барвæндонтæ Владимир Зеленскиимæ ныхасы фæстæ, Донбассæй хотыхтæ раластой

Украинаг барвæндонтæ   президент Владимир Зеленскиимæ ныхасы  фæстæ  хотыхтæ  раластой.   Украинайы  пъæлицæй  куыд  райхъусын кодтой  афтæмæй,   цæрæн ран Золотоейы  æмæ  Катериновкайы  æрмæст  æнæхотых  барвæндонтæ баззадысты.   Сæ информацийæ,  Луганскы  бæстæйы  ацы цæрæн рæттæм  арвыстой  национ гвардий, кæцы  бынатыл патрул кæны.

Бакой  уын кæндзыстæм   Владимир Зеленский  26 октябры   ныццыд Золотоемæ æмæ бынæттон барвæндонтимæ  фембæлд.   Ацы  районы   7  октябрæй  не нтыстис «тыхты  фæхицæн кæнын райдаын».   Иуæй-иу  фембæлдыл   Зеленскйи барвæндонимæ  абыцæу ис æмæ йæ хæцæнгарз  раддæмæ  кæнын æрдомтта.  Дзуаппæн Зеленскийæн барвæндон  Абхазы  дæнц  æрхаста  æмæ  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ  йеуæд «Гуырдзыстон  æфсад ракодта æмæ Уæрæсе та сайдæй  бабырста Сухуммæ».

Украинаый  скæсæн хайы,  тыхты  кæрæдзийæ  фæхицæн кæнын,  йæ хъуыдыйы  дары  а.х.  «Штаймайеры формула», кæцыйы  сыххæсты  дзырд, фарсытæ   фыццаг октябры  раттой.  Бадзырдмæ гæсгæйæ,   регионы  æхст урæд куы æрцæудзæн уый фæстæ,  хæцæнгарз  раддæмæ  кæндзысты,  Донбассмæ  лæвæрд æрцæудзæн сæрмагонд статус  æмæ уым  æвзæрстытæ  ацæудзæн.   Сæрмагонд статус,  иудадзыг  уый фæстæ  суыдзæн,  æвзæрстыты  фæстиуджытæ ЕÆÆО нымадмæ куы райсдзæн уæд.