Украинаг авиакомпани «Янэар» ног азмæ Гуырдзыстон æмæ Украинайы æхсæн 12 уæлæмхас рейс сыххæст кæндзæн
Украинаг авиакомпани «Янэар» ног азмæ Гуырдзыстон æмæ Украинайы æхсæн 12 уæлæмхас рейс сыххæст кæндзæн.
Украинаг медийæн украинайы туризмы рæзынады центры куыд фехъусын кодтой афтæмæй, уæлæмхас рейсытæ снысан уыдзæн Киевæй æмæ Харьковæй Батуммæ, афтæдæр Киевы æмæ Тбилисы æхсæн. 12 уæлæмхас тахт, 26 декабрæй 5 январы онг периоды сыххæст уыдзæн.
«Фæдфæдыл нырид дыккаг аз у, Батумы ног азмæ уæлдæфы температурæ +18, +20 градусмæ ысхизы, сахарæй 90 километры , уæлхоз районы та, ис гæнæн къахдзоныгътыл бырын, уый тыххæй дæр мæнмæ уырнæг дæн, уæлæмхас авиарейсытæ украинаг туристты æхсæн популярон суыдзæн» – райхъусын кодта авикомпанийы коммерцион директор, Тарас Стригуненко.