Украинаг  Александр Усикъ, Мæскуыйы   басаста   Уæрæсейаг Гасситы  Мурæды  æмæ рамбылдта абсолютон чемпионы титул
Украинаг Александр Усикъ, Мæскуыйы басаста Уæрæсейаг Гасситы Мурæды æмæ рамбылдта абсолютон чемпионы титул

Цымидисон  разынд  боксы  матч  фыццаг  уæззау  категорийы  – Уæрæсейы  сæйраг сахар Мæскуыйы, Гаситы Мурæды  æмæ   украинаг  Александр  Усикы  æхсæн.

Тæрхонгæнджыты  иуæймаг   уынаффæйæ  украинаг   фæуæлахиз ис   хыгъдæй –  120:108,119:109,119:109.

Усикъæн уй уыдис   профессион рингыл  15-æм  фембæлды  15-æм уæлахиздзинад.  Ныр  украинаг   фыццаг  уæззау  категорийы  у  абсолютон чемпион –  уый рамбылдта   цыппар сæйраг  версийы (WBC, WBO, IBF და WBA)-йы  титултæ.  Ахæм  цау  ныры онг историйы  æрмæст æртæ боксерæн бантыст –  америкаг  Джермейн Тейлорæн,  Бернард  Хопкинсæн (дыууæдæр-астæуккаг  уæз) æмæ Теренс  Кроуфорд (фыццаг æрдæгастæуккаг уæз).

Абоны бонмæ  Александр Усикъ  иуунæг абсолютон  чемпион у   профессион  боксы.