Украинæйы Уæллаг Радæ не сразы ис Украинæйы генералон прокуррор Юрий Луценкойы куыстуæгъдимæ
Украинæйы  Уæллаг Радæ  не сразы ис Украинæйы генералон прокуррор Юрий  Луценкойы  куыстуæгъдимæ

Украинæйы  Уæллаг Радæ  не сразы ис Украинæйы генералон прокуррор Юрий  Луценкойы  куыстуæгъдимæ. Луценкойы  куыстуæгъдæн залы  уæвæг  депутаттæй  æрмæст 38 схъæлæс кодтой.

Юрий Луценко  Украинæйы  генералон прокурроры  постæй  хи суæгъд кæныны фæдыл  6 ноябры райхъусын кодта. Уынаффæ  уый сбаста Херсоны   мэры амонæгы Екатерина  Гандзюкъы мæлæты хъуыддаджы  намысцухæй  равзарыны  аххосæгтимæ.

Украинæйы  президент  Петро Порошенко  Юрий Луценкойы уынаффæйы  фæдыл  нырма   ницы  загъта.

Херсоны сахарон советы   хъуыддæгты  фæткдæттæгы хæстæ æххæстгæнæг æмæ активистмæ Екатерина Гандзюкмæ бырст  сырæзт цæугæ афæдзы  31 июлы.