Украинæйы прокуратурæ - Акциты саразыны тыххæй Саакашвили æрвылмæййонæй иста милуан доллар
Украинæйы прокуратурæ -  Акциты саразыны тыххæй Саакашвили æрвылмæййонæй иста  милуан доллар

Украинæйы  протестон  акциты   организацийы тыххæй,  Михеил Саакашвили  æрвылмæййонæй  иста милуан доллар –  уый фæдыл  банысангонд у  Украинæйы  генералон прокуратурæйы  фидиуæны.

Уагдоны  хъусинагæй,   фæдагуырдæй фæбæрæг,  цæмæй  фæнысангонд   суммæйы  хыгъдмæ арвитыны фæдыл бадзырд сырæзт  Уæрæсейы уæвæг украинаг олигарх Сергей  Курченкоимæ.

«Ацы  хца   уыд   Украинæйы  сахарты  массон   протестон акциты  организацийы  тыххæй,   кæцыты  хайадисджыты  сæхи  зондыл акодтаиккой  æнæкоммæгæс  акциты  саразыны фæдыл,   кæцытæн фæстагмæ    хицауады  фæфæлдæхты  æмæ   паддзахадон æмæ  барадхъахъхъæнæг оргæнты  æндæр æм æндæр постытыл  сæрмагонд   кантролы  дæлбар уæвæг  уæнгты  снысан кæнын уыд сæ нысан» –  дзырдæуы    Украинæйы прокуратурæйы  фидиуæны.

Уагдоны информацийæ,   Украинæйæ лыгъды уæвæг   олигарх Сергей Курченкойы  æмæ Украинæйы   раздæры лидеры  Виктор Януковичы   фдыгæнæг  организациты æндæр уæнгтæмæ, барадхъаххъæнджытæ сæ  хъус дарттой  2017 азы  зæрдæвæрæны мæйæ.

Мадзалы  фæстиуæгæн  фæбæрæг, цæмæй  Саакашвили  æмæ йе ууæнкджын  уæнг  акциты  саразынæн  500  мин  доллары  райстой.

Украинæйы прокуратурæ  Михеил Саакашвилийæн аххосаг абон бавдыста.  Уый аххосджын кæнынц фдгæнæг  организациты  архæйдтыты  басусæг кæныны.  Украинæйы   прокуратурæйы  фехъсын кодтой,  цæмæй Одессæй раздæры губернаторæн, æфхæрды  хуызæй  домынц  мидахсты стæрхон кæнын.