Украинæйы генералон прокуратурæ – Саакашвилийы басидты фыстæг мæнг у
Одессæйы раздæры губернаторы Михеил Саакашвилийы украинаг адæммæ фыстæг, кæцыйы кастысты протестон акцийыл, мæнг у – уый фæдыл Украинæйы генералон прокуратурæйы пресс-нымæрдар Лариса Сарган ныффыста социалон хызагы, хъусын кæны украинаг агентад «newsone.ua».
Медийы хъусинагæй, Сарган социалон хызагы публикаци скодта дыууæ фыстæгы, кæцытæй иуæй-иу уыцы фыстæг у, кæцйы адвокат Чорнолуцкий медийæн Саакашвилийы номæй йæ æрцахзсыны хсæв алæвæрдта, иннæ фыстæг та з Сарганы ныхасмæ гæсгæ, уыцы фыстæг у кæцыйы Саакашвили йæхи къухæй ныффыста.
«Фыццаг фыстæджы, кæцыйы украинаг адæммæ сидтытæ уыд, адвокаттæ развæлгъау ахсты изоляторæй рацæуыны фæстæ, æхсæвы алæвæрдтой прессæмæ.
Дыккаг фидиуæны йæхæдæг Михаил Саакашвили ныффыста развæлгъау ахсты изоляторы видеофиксацийы рæстæджы, тугтæрхоны барады процессмæ куыд æмбæлы афтæ. Ацы дыууæ къухуавæр бынтон хъауджы кæнынц кæрæдзийæ» – фыссы Лариса Сарган æмæ сæрмагонд «Фейсбукы» фарсыл дыууæ дæр фыстæджы къамтæ публикаци кæны.
Украинаг медийы нæ хæлиу кæны информаци дыккаг фыстæджы мидисы тыххæй, кæцы Украинæйы генералон прокуратурæйы пресс-нымæрдары ныхæстæм гæсгæ, Саакашвили йæхи къухæй ныффыста.
Æхсæвы рæгмæ Саакашвилийы ахсты фæстæ, йæ адвокат Руслан Чорнолуцкий фарсхæцджытæн бакастис фыстæг, кæцыйы йæ ныхæстæм гæсгæ, Саакашвили ныффыста. Фыстæгмæ гæсгæйæ, Одессæйы раздæры губрнатор украинаг адæммæ сиды, 10 декабрмæ плангонд маршмæ баиу уой æмæ æркурой прзиденты импичмент.